Æнусы разма, Ходыхъауы райгуырд фыссæг, таурæгъфыссæг, тохæхсыст хæстон Хъайтыхъты Азæмæт
Йæ гуырæнбоны фæдыл абон æвзонг кæсджыты чиногдоны ацыд æсфæлдыстадон изæр. Хуымæтæг нæуыд. Ардæм хуынд æрцыдысты хæрзаив литературон конкурс «Къостайы фæдонтæ»-йы уæлахиздзаутæ. 20 архайæгæй фылдæр. Хуыздæр æвдисæнтимæ чи фæуæлахиз айв ныхас, кафт, æмæ зарды мидæг, Дзауджыхъæуы скъолаты ахуырдзæуты хсæн уыдон. Джызæлы скъола-интернаты сфæлдыстадон къорд дæр семæ афтæмæй.